Дегустаторты хъуыдымӕ гӕсгӕ, иууыл хуыздӕр бӕгӕны фыцынц Кърозы хъӕуы

Рафыссын
Ирон традицион бæгæныйы бæрæгбон арæзт æрцыд дыццæджы Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы. Ам уагъд æрцыд ирон бæгæныйы дыккаг æхсæнадæмон фестиваль-конкурсы æвзæрстон этаптæй иу.

Фестиваль æрбамбырд кодта республикæйы хуыздæр бæгæныхсидджыты. Sputnik уацхæссæг фæуазæг ацы бæрæгбонмæ, аныхас кодта хайадисджытæ æмæ организатортимæ æмæ анызта бæгæныйæ дӕр.

Ирон бæгæныйы конкурс уагъд цæуы цалдæр азы. Ссис æхсæнадæмон, хайад дзы исынц бæгæныхсидджытæ æрмæст Ирыстонæй нæ, фæлæ ма Хъæрæсе-Балхъарæй дæр.

Конкурс уагъд цæуы дыууæ этапæй. Фыццаг этапыл хуыздæр бæгæныхсидджыты равзардзысты республикæты алы районы дæр. Финалон хайы та, кæцы уагъд æрцæудзæн 29 октябры Дзæуджыхъæуы, æвзæрст æрцæудзæн уæлахиздзау.

Ног хабӕртты лентӕ
0