Хъуылымбегты Роберты мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой "Во Славу Осетии" майданӕй

© Photo : Из открытых источников Хъуылымбегты Роберт
Хъуылымбегты Роберт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 мая – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Хъуылымбегты Роберты, кӕцы фӕмард Донбассы адӕмы хъахъхъӕнгӕйӕ, РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы барамындӕй мӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыд "Во Славу Осетии" майданӕй.
Хъуылымбегты Роберт ацыд Донбассмӕ, цӕмӕй фӕхӕццӕ кӕна гуманитарон ӕххуыс бархионтӕн, фӕлӕ стӕй аскъуыддзаг кодта баззайын ӕмӕ тох кӕнын интернационалон бригадӕ "Пятнашка"-йы сконды.
Роберт фӕмард Ясиноватаяйы тохты рӕстӕджы. Йемӕ ма фӕмард сты ноджы дыууӕйӕ – абхазаг ӕмӕ уырыссаг.
Хъуылымбегты Роберты мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны майданӕй "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн" 2022 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0