Ленингоры районы фесæфæг цæрæджы мæрдон буар ссардтой Цъубены хъæуы цур хъæды

© Sputnik / Ада БагианЛенингоры район
Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik. Ирвæзынгæнджытæ ссардтой Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы 69-аздзыд цæрæг Хацырты Тамазы мæрдон буар, кæцыйы агурыны тыххæй республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ) хъусын кодта дыццæджы райсом.
Нæлгоймаджы агуырды хайад истой 15 ирвæзынгæнæджы, афтæ ма барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ.
"Хацырты Тамазы мæдон буар ссардтой Цъубены хъæуы цур хъæды", - банысан кодтой министрады.
Æмбæстаджы амæлæты аххосаг нырма бæрæг не рцыд, бафтыдтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0